Вести. Аланийы хабæрттæ Джызæлы бындур сæвæрдтой цæрæн комплексы арæзтадæн

21 июня 2024, 11:31

Джызæлы бындур сæвæрдтой цæрæн комплексы арæзтадæн. Уый къухы бафтыд паддзахадон программæ "Хъæуты территориты комплексон райрæзт"-ы æххуысæй. Программæйы амынд куыд ис, афтæмæй фæрæзты иу хай дæтты паддзахад, хæрдзты иннæ хай та йæхимæ исы инвестор. Ног хæдзæрттæ райсдзысты аграрон къабазы 31 кусæджы. Ныридæгæн уал дзы бындур æвæрд æрцыди дыууæ хæдзарæн. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй сцæттæ уыдзысты ацы азы кæрон.

Смотрим

Репортажи

Популярное видео

Авто-геолокация