![](https://cdn-st3.smotrim.ru/vh/pictures/xw/508/098/6.jpg)
Вести. Аланийы хабæрттæ Бинонты, уарзондзинады æмæ иузæрдиондзинады боны агъоммæ Парчы ацыд сфæлдыстадон фестиваль
5 июля 2024, 11:34
Бинонты, уарзондзинады æмæ иузæрдиондзинады боны агъоммæ Парчы ацыд сфæлдыстадон фестиваль. Архайдтой дзы 30 сывæллонæй фылдæр, бирæсывæллонджын æмæ фæкæсынхъуаг бинонтæй. Рæзгæ фæлтæрæн бацæттæ кодтой алывæрсыг фæзтæ. Арт – терапийæ, кулинарон, дæсныйадæвдисæг ахуыртæ, куклатæ аразыны æмæ æндæр ирхæфсæн мадзæлттæ.