Картинка

Вести. Аланийы хабæрттæ Хъæбатырдзинады æмæ ныфсхастдзинады тыххæй Мæздæджы районы 12-æм ракетон бригадæн лæвæрд æрцыд кадджын ном – "Гвардион"

15 октября 2024, 10:38

Хъæбатырдзинады æмæ ныфсхастдзинады тыххæй Мæздæджы районы 12-æм ракетон бригадæн лæвæрд æрцыд кадджын ном – "Гвардион". Ивгъуыд фæлладуадзæн бонты йын радтой Георгийы тырысайы лент. Кадджын гвардион ном лæвæрд цæуы æрмæст элитон дæлхайæдтæн – хæсты быдыры чи фесгуыхт, уыдонæн. Ацы ракетон бригад сæрмагонд æфсæддон операцийы архайы фыццаг бонтæй. Алы хæстоны риуыл дæр фæзынд кады нысан, шевроныл та – гвардион ленты ныв. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Смотрим

Репортажи

Популярное видео

Авто-геолокация