Вести. Аланийы хабæрттæ Республикæйы инвестортæ сæрмагонд проекттæ царды рауадзынæн федералон бюджетæй гранттæ райстой 600 милуан сомæн
29 октября 2024, 10:29
2023-æм 24-æм азты республикæйы инвестортæ сæрмагонд проекттæ царды рауадзынæн федералон бюджетæй гранттæ райстой 600 милуан сомæн. Ацы къабазы куыст куыд цæуы, æмæ гранттæ чи райста, уыдоны размæ цы къуылымпыдзинæдтæ æвзæры, ууыл ныхас цыди туризмы рæзты фарстаты фæдыл æмбырды. Разамынд ын лæвæрдта Хицауады сæрдар Дзанайты Барис.