Вести. Аланийы хабæрттæ 7 аздзыд Джыккайты Давид уæндон къахдзæфтæ кæны спорты бæрзæндтæм
1 ноября 2024, 10:39
Æвзонг рекордсмен. 7 аздзыд Джыккайты Давид уæндон къахдзæфтæ кæны спорты бæрзæндтæм. Иу минутмæ йын бантыст иу къахыл 31 хатты æрбадын æмæ сыстын. Афтæмæй сæвæрдта ног рекорд, æмæ хаст æрцыд Уæрæсейы рекордты чиныгмæ. Спортсменимæ фембæлд не сфæлдыстадон къорд, æмæ бæстондæр хабæрттæ радзурдзæн Касаты Наирæ.