Картинка

Вести. Аланийы хабæрттæ Дæргъæвсы некрополы дзæппæзты дарддæр æвæрынц хъæдын рудзынгæмбæрзæнтæ

6 ноября 2024, 14:44

Дæргъæвсы некрополы дзæппæзты дарддæр æвæрынц хъæдын рудзынгæмбæрзæнтæ. Фæстаг рæстæг вандализмы цаутæ сарæх сты. Туристтæ арæх нæ фембарынц ацы бынаты нысаниуæг, æмæ йын зиан æрхæссынц. Цæмæй адæм дзæппæзтæм ма цæуой, уый тыххæй реставрацигæнæн компани "Скифос-РСК" национ музейы курдиатмæ гæсгæ æмæ культурон намысы объекттæ хъахъхъæныны комитеты разыйæ æххæст кæны хъахъхъæнæн мадзæлттæ. Уыдоны тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Смотрим

Репортажи

Популярное видео

Авто-геолокация