
Вести. Аланийы хабæрттæ Армукъа "Мозаикæ"-йы архайджытæн кадджын уавæры радтой арфæйы фыстæджытæ, туризмы рæзты активонæй кæй архайынц, уый тыххæй
18 января 2025, 09:59
Адæмон æрмдæсныйады хуызты армукъа "Мозаикæ"-йы архайджытæн кадджын уавæры радтой арфæйы фыстæджытæ, туризмы рæзты активонæй кæй архайынц, æмæ йæм стыр æвæрæн кæй хæссынц, уый тыххæй. Армукъайы архайынц 60 мастеры онг. Туристон-информацион центры статистикæмæ гæсгæ, æппæтæй активондæртыл нымад æрцыдысты Козаты Фатимæ, Бедойты Нино æмæ Анастасия Стукалова. Арфæйы фыстæджытæ сын радта туризмы рæзты Фонды директор Гæбæраты Алыксандр.