
Вести. Аланийы хабæрттæ Дзæуджыхъæуы 44-æм скъолайы командæ баскетболæй рамбылдта Цæгат Кавказы федералон зылды ерыстæ
13 марта 2025, 10:32
Дзæуджыхъæуы 44-æм скъолайы командæ баскетболæй рамбылдта Цæгат Кавказы федералон зылды ерыстæ. Уыцы сгуыхтдзинад скъоладзауты къухы бафтыд æнтыстджын тренировкæты фæрцы. Баскетболисттæ сæхæдæг куыд зæгъынц, уымæ гæсгæ сын ерысты фæстæ фæлладуадзынæн рæстæг нæй – сæхи цæттæ кæнынц ног турниртæм. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Чехойты Фатимæ.