Вести. Аланийы хабæрттæ Эфир от 03.05.2025
3 мая 2025, 08:00
Санаторий "Сосновая роща"-йы ныссагътой Уæлахизы 80 азы кадæн аллейæ. Бындур ын сæвæрдта Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг Пагæты Алыксандр. Елхот, Джызæл, Сырх-Дыгур æмæ Майрæмадагæн лæвæрд æрцыд "Æфсæддон намысы хъæуы" кадджын ном. Уый тыххæй закъон сфидар кодта Цæгат Ирыстоны Парламент. Чысыл Хæтæлдонæй Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнынмæ ацыдысты 200 адæймаджы онг. Сæ фылдæр баззадысты хæсты быдырты. Бæстонæй уыцы хабæрттыл Уæлахизы боны агъоммæ æрдзырдтой лæгдзинады урочы.