Вести. Аланийы хабæрттæ Санаторий "Сосновая роща"-йы ныссагътой Уæлахизы 80 азы кадæн аллейæ
3 мая 2025, 08:00
Санаторий "Сосновая роща"-йы ныссагътой Уæлахизы 80 азы кадæн аллейæ. Бындур ын сæвæрдта Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг Пагæты Алыксандр. Тулдз бæлæсты талатæ æмæ сиреньтæ саив кодтой куыстуаты фæз. Акцийы архайдтой æхсæнадон организациты минæвæрттæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы хæстонтæ æмæ санаторийы кусджытæ. Алы бæлас дæр дзурæг у абоны цард чи балæвар кодта, уыдоныл. Се хсæн уыди Пагæты Алыксандр дæр. Фронтмæ йæм фæсидтысты 43-æм азы. Райгуырæн бæстæйæн службæ кæнынæн снывонд кодта йæ цард