Вести. Аланийы хабæрттæ Фидараты Сослан æмæ Дебора Боуман систы æппæтадæмон фестиваль "Дорога на Ялту"-йы уæлахиздзаутæ
3 мая 2025, 08:00
Фидараты Сослан æмæ Дебора Боуман систы æппæтадæмон фестиваль "Дорога на Ялту"-йы уæлахиздзаутæ. Кремлы Паддзахадон Галуаны арæзт æрцыд фестивалы Гала-концерт. Цæгат Ирыстоны культурæйы министр Америкæйы Иугонд Штаттæй архайæгимæ иумæ акодтой зарæг "На безымянной высоте". Зæгъын хъæуы уый, æмæ йæ схонæн ис Фыдыбæстæйы Стыр хæсты темæйыл фыст музыкалон уацмыстæй æппæтæй зæрдæмæхъаргæдæр. Адæмы, стæй жюрийы зæрдæмæ афтæ тынг фæцыд, æмæ зарæгмæ хъуыстой лæугæйæ.