Вести. Аланийы хабæрттæ Эфир от 12.11.2025
12 ноября 2025, 09:00
Национ проект "Цардæн инфраструктурæ" æххæст кæнгæйæ, Донгæроны фæзынд ног фæлладуадзæн бынат. Сæ рæстæг дзы рвитынц сывæллæттæ æмæ хистæр кары адæм. Иумæйаг нымæцон платформæ "Уæрæсейы куыст"-ы фæрцы, Цæлыччы скъолайы ахуырдзаутæ райстой рæстæгмæ куыст. Программæйы фæрцы æхсæнадæн хæссынц пайда. Национ музейы байгом Олисаты Вероникæйы нывты равдыст. Экспозимæ бахаста алы жанрты конд 50 куысты. Бæрæг дзы дары нывгæнæджы хъуыдыкæнынад.