Вести. Аланийы хабæрттæ Адæмон фронт расидтис æрфарст æхсæнадон транспорты куысты тыххæй
8 мая 2024, 11:43
Адæмон фронт расидтис æрфарст æхсæнадон транспорты куысты тыххæй. Республикæйы цæрджыты бон у сæ хъуыдытæ зæгъын, нæ республикæйы бæлццæттæласæг къабазы фæдыл, уыимæ шофыртæ сæ цыды фæтк куыд æххæст кæнынц æмæ æрлæууæн бынæтты куыд лæууынц, уый тыххæй. Æрфарст у æнæном æмæ дзы бацархайæн ис 20-æм маймæ. Ацæуæн æй ис адæмон фронты сæрмагонд сайты.