Вести. Аланийы хабæрттæ Цæгат Ирыстоны фæндæгты къабазы райрæзтыл Дзанайты Барис æрныхас кодта профилон министртимæ
7 июня 2023, 12:16
Цæгат Ирыстоны фæндæгты къабазы райрæзтыл Хицауады сæрдар Дзанайты Барис æрныхас кодта профилон министртимæ, ведомствæты разамонджытимæ æмæ районты сæргълæуджытимæ. Ацы аз фæнд кæнынц, Мичуринæй иувæрсты цæуæг фæндаг "Дзæуджыхъæу – Æрыдон – Цыкола – Лескен"-ы, Дæллаг Зæрæмæгæй рекреацион комплекс "Мамысон"-ы трассæйы, стæй Цыколайæ иуварсдзæуæн фæндаг "Дзæуджыхъæу – Æрыдон – Цыкола – Лескен II"-йы арæзтад.