Вести. Аланийы хабæрттæ Дзанайты Барисы разамындæй ацыд Цæгат Ирыстоны цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады комплексы рæзты фарстаты фæдыл æмбырд
17 января 2026, 12:12
Дзанайты Барисы разамындæй ацыд Цæгат Ирыстоны цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады комплексы рæзты фарстаты фæдыл æмбырд. Ныхас цыди, ацы къабазы рæзтыл чи ахады, ахæм паддзахадон программæты æмæ регионалон проектты фæлгæты мадзæлттæ куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл. Куыд фæнысан кодтой, афтæмæй стыр куыст бакодтой цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады куыст фæхъомысджындæр кæныныл. Федералон æмæ регионалон проекттæ царды рауадзынæн æппæт нысанон бæрæггæнæнтæ къухы бафтыдысты.