Вести. Аланийы хабæрттæ Турнир "Шахматы для СВОих" арæзт æрцыд Сергей Карякины шахмæтон клубы бындурыл
3 марта 2026, 11:10
Интеллектуалон спорт сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн. Турнир "Шахматы для СВОих" арæзт æрцыд Сергей Карякины шахмæтон клубы бындурыл. Ерысгæнджытæ сæ арæхстдзинад æвдыстой парти "Иугонд Уæрæсе"-йы æхсæнадон æххуысы штабы фæзы. Турниры уыд 8 адæймаджы – раздæр шахмæттæй профессионалон æгъдауæй нæ архайдтой, фæлæ сфæнд кодтой сæ тыхтæ бавзарын.