Вести. Аланийы хабæрттæ Эфир от 11.03.2026
11 марта 2026, 09:00
2 800 нымайæн приборæй фылдæр сæвæрдта Доны куыстуат Цæгат Ирыстоны. Ууыл æмæ æндæр ахсджиаг фарстатыл ныхас цыд, Сергей Меняйлойы разамындæй аппаратон æмбырды. Презентаци, гом урок æмæ дæсныйадæвдисæг ахуыр. Ирон æвзаджы æмæ литературæйы ахуыргæнджыты профессионалон дæсныдзинад уæлдæр кæныны гæнæнтыл æрдзырдтой 43-æм скъолайы. тДзæуджыхъæуы арæзт æрцыдысты Зæронд Парчы театры гастрольтæ. Кабардинкæйæ труппæ йе сфæлдыстад раргом кодта Евгений Вахтанговы номыл Академион Уырыссаг театры сценæйы.