Вести. Аланийы хабæрттæ Эфир от 14.03.2026
14 марта 2026, 08:00
Мæздæджы районы Притеречныйы поселочы скъолайы райдыдта бындурон цалцæг. Бæстыхай сарæзтой 70 азы размæ. Уыцы рæстæмæ дзы рацарæзт иу хатт дæр нæ уыд. Уæлæмхасæн ахуырады хуыздæр педагогтæ сæмбырд сты сывæллæтты сфæлдыстады галуаны. Ам райдыдта профессионалон дæсныйады конкурс "Мæ зæрдæ дæттын сывæллæттæн"-ы регионалон къæпхæн. Советон Цæдисы сгуыхт артист, Цæгат Ирыстоны адæмон артист, се ппæттæн уарзон зарæггæнæг æмæ актер. Абон 115 азы æххæст кæны Баллаты Владимиры райгуырдыл.