Вести. Аланийы хабæрттæ 300 милуан сомы онг сайд фесты республикæйы цæрджытæ 2025-æм азы киберцæстфæлдахджытæн æхца кæй арвыстой, уый тыххæй
14 марта 2026, 10:19
300 милуан сомы онг сайд фесты республикæйы цæрджытæ 2025-æм азы киберцæстфæлдахджытæн æхца кæй арвыстой, уый тыххæй. Ахæм бæрæггæнæнтæ фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министрады киберфыдракæндтимæ тох кæныны управленийы хицауы хæдивæг Бæдуаты Тельман. Журналисттимæ фембæлды архайдта Уæрæсейы банчы цæгатрыстойнаг хайады разамонæг Дзиуаты Иринæ дæр. Ивгъуыд аз ацы къабазы нысангонд æрцыд 3 мин фыдракæнды онг. Уый 2024-æм азимæ абаргæйæ у 25 проценты къаддæр.