Top.Mail.Ru
Дзæуджыхъæуы дарддæр цæуынц фæндаггон хæххытæ ног кæныны куыстытæ Выпуск 30 апреля 2026 года
Дзæуджыхъæуы дарддæр цæуынц фæндаггон хæххытæ ног кæныны куыстытæ. Архайы 4 бригады. "Спецэкосервис"-ы специалисттæ кусынц 2 радæй. Фыццаг хæххытæ скæнынц сæрмагонд ахорæнæй, уæлейы йыл æркалынц авгджын гыццыл шариктæ, цæмæй æхсæвыгон зыной. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, ахæм уæлцъар бахус уыдзæн 25 минутмæ. Куыстытæ æхæхстгонд цæуынц горæты æппæт районты.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски