Вести. Аланийы хабæрттæ Эфир от 17.03.2026
17 марта 2026, 09:00
Мæздæджы районы Раздольнæйы хъæуы скъолайы райдыдта бындурон цалцæг. Бæстыхай сарæзтой 70 азы размæ. Скъоладзауты уал ласынц Хъызлармæ. Дзæуджыхъæуы цæуы фестиваль "Стыр наукæ". Ацы фæз баиу кодта ядерон иртæстыты институты æмæ ЦИПУ-йы ахуыргæндты. "Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты" фонды филиалы кæнынц психологон æххуыс. Кусынц сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытимæ, ветерантимæ æмæ сæ бинонтимæ.