Вести. Аланийы хабæрттæ Мæздæджы районы Раздольнæйы хъæуы скъолайы райдыдта бындурон цалцæг
17 марта 2026, 10:23
Мæздæджы районы Раздольнæйы хъæуы скъолайы райдыдта бындурон цалцæг. Бæстыхай сарæзтой 70 азы размæ. Ныртæккæ специалисттæ фесты зæронд конструкциты рацарæзт. Скъоладзауты уал ласынц Хъызлармæ. Цалцæггæнæн куыстытæ æххæстгонд цæуынц национ проект "Ахуырад"-мæ гæсгæ. Бæстондæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.