Вести. Аланийы хабæрттæ Цæгат Ирыстон хаст æрцыд Уæрæсейы æппæты цымыдисагдæр сæрдыгон турты хыгъдмæ
7 июня 2023, 12:20
Цæгат Ирыстон хаст æрцыд Уæрæсейы æппæты цымыдисагдæр сæрдыгон турты хыгъдмæ. Фæлладуадзæн сезоны агъоммæ эксперттæ анализ скодтой сæрмагонд балцытæн, æмæ скодтой рейтинг. Уый тыххæй фехъусын кодта Уæрæсейы информацион агентад РИА Новости. Афтæ Цæгат Ирыстонмæ фототур æмæ астросъемкæты ахуырад бацахста 6-æм бынат. Профессионалон къамисджытæ туристты ахуыр кæнынц арв æмæ стъалытæ раст исын, – фæбæлвырддæр кодтой эксперттæ.