Вести. Аланийы хабæрттæ 21-æм æнусы хорзæхтæ хæццæ кæнынц дæрддзæф районтæм дæр
13 сентября 2023, 11:17
21-æм æнусы хорзæхтæ хæццæ кæнынц дæрддзæф районтæм дæр. Афтæ æрæджы чырæ бастдзинад фæзынд Хохы Карцайы. Кæд дзы бирæ цæрджытæ нæй, уæддæр ацы хъуыддагыл се ппæт дæр бацин кодтой. Уый нæ, фæлæ ма фæстæг рæстæг ам зынгæ фæфылдæр туристты нымæц дæр. Уыдонæн дæр ацы ногдзинад сæ зæрдæтæ барухс кодта. Уæвгæ, Уæрæсейы цифрæйы Министрад уæлдай æргом здахы дæрддзæф чысыл хъæутæм.