Вести. Аланийы хабæрттæ Цæгат Ирыстоны райдыдта æппæтуæрæсеон проект "Иу мин æрыгон футболисты"
21 сентября 2023, 11:56
Цæгат Ирыстоны райдыдта æппæтуæрæсеон проект "Иу мин æрыгон футболисты". Æххæст æй кæнынц корпораци ВЭБ.РФ æмæ футболон клуб ЦСК æмæ футболы спортивон скъола "Юность". Проект кадджын уавæры байгом футболон клуб "Юность"-ы. Бæстæйы алы къуымтæй æрæмбырд сты 5 азæй 15 азы онг кæуыл цæуы, ахæм фæсивæд. Æвзарæн туртæ, дæсныйадæвдисæг ахуыртæ æмæ æндæр мадзæлттæ цæудзысты æртæ боны.