Вести. Аланийы хабæрттæ Черчесты Станиславы схорзæхджын кодтой орден "Адæмы хорзæх"-æй
22 сентября 2023, 10:55
Стыр спортмæ æгæрон æвæрæн кæй бахаста, уый тыххæй, Уæрæсейы зындгонд тренер футболæй Черчесты Станиславы схорзæхджын кодтой орден "Адæмы хорзæх"-æй. Кадджын хæрзиуæг дзырддзæугæ спортсменæн радтой Национ музейы. Орден "Адæмы хорзæх" сфидар кодтой 2019-æм азы, дунеон æхсæнадон змæлд Стыр Ныхасы фæндонæй. Йæ фæткмæ гæсгæ орден æмбæлы Ирыстоны раз стыр сгуыхтдзинæдтæ чи равдыста, уыцы адæмæн.