Вести. Аланийы хабæрттæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон академион театр цæттæ кæны йæ ног сезонмæ
22 сентября 2023, 11:07
Цæгат Ирыстоны паддзахадон академион театр цæттæ кæны йæ ног сезонмæ. Актертæ куыд зæгъынц, уымæ гæсгæ уыдзæн уæлдай цымыдисагдæр. Бакуыстой хъæздыг репертуарыл, цæмæй театрдзауыл сæмбæлой æмбæлгæ хуызы. Ацы бонты актертæ фæскулисты кæнынц æмызмæлд. Абон театр йæ дуæрттæ уæрæх байгом кæндзæн республикæйы цæрджытæн æмæ уазджытæн. Генералон репетици бабæрæг кодта Тъехты Элинæ, æмæ йын ныхасы бар.