Вести. Аланийы хабæрттæ Мæздæджы ацыд Лалыты Асланы номарæн турнир стыр теннисæй
27 сентября 2023, 11:58
Мæздæджы "Уæлахизы парчы" гом стадионы ацыд Лалыты Асланы номарæн турнир стыр теннисæй. Ерысты архайдтой 32 спортсмены. Республикæйы тæрхондоны системæйы хуыздæр кусджытæй иу, Лалыты Аслан йæ цардæй ахицæн 4 азы размæ. Активонæй архайдта спортæй, фылдæр уарзта теннис. Уыди Мæздæджы спорты ацы хуызы командæйы хыгъды. Асланы номарæн турнир спортсменты иу фæзы æрæмбырд кодта ныр 2-аг хатт. Ацы хатт уæлахиздзау сси Цопбойты Сослан. Дыккаг æмæ æртыккаг бынæтты аккаг систы Андрей æмæ Анатолий Клинчае