Вести. Аланийы хабæрттæ Ефрейтор Пагæты Артем сæрмагонд æфсæддон операцийы ис фыццаг бонтæй
19 октября 2023, 11:25
Нæ дарддæры æрмæджы хъайтар та у Пагæты Артем. Ефрейтор, хистæр æхсæг сæрмагонд æфсæддон операцийы ис фыццаг бонтæй. Уыд уæззау цæфтæ, йæ кæстæр æфсымæр фронты фæмард. Уый фæстæ Артемы цæстæнгас бирæ хабæрттæм аивта. Фæлæ йæ ныфс нæ асаст. Артем ныр дывæр бæрнондзинадимæ цæттæ у дарддæр, йæ размæ æвæрд хæстæ æххæст кæнын. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.