Вести. Аланийы хабæрттæ Эфир от 17.11.2023
17 ноября 2023, 09:00
Терроризмы ныхмæ ахуыртæ ацыдысты Гортæгæрон районы. Барадхъахъхъæнджытæ æмæ тыхы структурæты кусджытæ сæхи фæлвæрдтой сæрмагонд хæслæвæрдтæ æххæст кæнынæй. Хъамбердиаты Мысосты номыл паддзахадон премийы лауреатты схорзæхджын кодта регионы разамонæг. Уæлахиздзаутæ сбæрæг сты дыууæ номинацийы "Прозæ" æмæ "Поэзи"-йы. Мæздæджы арæзт æрцыд аивадон гимнастикæйæ регионты хсæн турнир. Ерысты архайдтой 200 спортсменкæйæ фылдæр Хуссар æмæ Цæгат Кавказы федералон зылдтæй.