Вести. Аланийы хабæрттæ Эфир от 22.11.2023
22 ноября 2023, 09:00
Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг Джиоты Ацæмæзæн саккаг кодтой æртыккаг хæрзиуæг. Хъæбатыры бинонтимæ фембæлд не сфæлдыстадон къорд. Алагиры æрымысыдысты Советон Цæдисы хъæбатыр Петр Гужвины. Йæ райгуырдыл сæххæст 105 азы. Петр 1942-æм азæй фæстæмæ архайдта Фыдыбæстæйы Стыр хæсты. Рагон культурон хæзнаты æвдисæнтæ. Дзæуджыхъæуы историон хайы рагон бæстыхæйттæн здахын райдыдтой сæ фыццаградон хуыз. Цæуынц алыхуызон реставрацион куыстытæ.