Вести. Аланийы хабæрттæ Тускъаты Таймураз Баскаты Уырызмæгæн Парламенты номæй радта кады гæххæт

28 марта 2024, 13:46

Цæгат Ирыстоны Парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз нæ республикæйы культурæйы сгуыхт кусæг, актер, режиссер æмæ журналист Баскаты Уырызмæгæн Парламенты номæй радта кады гæххæт. Раарфæ йын кодта йæ бирæ азты æнæзæрдæхудт фæллойы тыххæй. Куыд загъта, афтæмæй хистæр кары адæм хорз хъуыды кæнынц Уырызмæджы ирд рольтæ театры æмæ кинойы. "Ирыстоны культурæмæ цы стыр æвæрæн бахастай, уый у дæнцæгæн хæссинаг æмæ цæстыгагуыйау хъахъхъæнинаг.

Смотрим

Репортажи

Популярное видео

Авто-геолокация