Вести. Аланийы хабæрттæ Цæгат Ирыстоны дарддæр цæттæ кæнынц Уæлахизы бон сбæрæг кæнынмæ

7 мая 2024, 15:40

Цæгат Ирыстоны дарддæр цæттæ кæнынц Уæлахизы бон сбæрæг кæнынмæ. Сæйрагдæр мадзæлттæй иу – акци "Сæ цæсгæмттæн сын бакæс". Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджыты портреттæ 9-æм майы агъоммæ бакодтой уынгты æппæт рекламон конструкцитыл. Акцийы фыццаг бонты курдиæттæ балæвæрдтой республикæйы 10 мин адæймагæй фылдæр. Зæгъдзыстæм ма уый, æмæ ацы аз аивта ветеранты портреттæ æвæрыны принцип. Иу баннерыл фенæн ис дыууæ, кæнæ фылдæр портреты.

Смотрим

Репортажи

Популярное видео

Авто-геолокация