Вести. Аланийы хабæрттæ Абон у Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон

15 мая 2024, 11:36

Абон у Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон. Бæрæг æй кæнынц куыд Цæгат, афтæ Хуссар Ирыстоны дæр. 21 азы размæ, Цæгат Ирыстоны уæды президент Дзасохты Алыксандр бафыста указ, цæмæй 15-æм май банымайой ирон æвзаг æмæ литературæй боныл. Уыцы бон хъуымæтæджы нæ равзæрстой. 1899-æм азы 15-æм майы рухс федта ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы чиныг "Ирон фæндыр".

Смотрим

Репортажи

Популярное видео

Авто-геолокация