![](https://cdn-st2.smotrim.ru/vh/pictures/xw/499/826/9.jpg)
Вести. Аланийы хабæрттæ Нарыхъæуы райдыдтой æхсæнадон территори аив кæнын.
22 мая 2024, 11:33
Нарыхъæуы райдыдтой æхсæнадон территори аив кæнын. Ивгъуыд аз хъæу фæуæлахиз, æнцонвадат уавæртæ аразыны хуыздæр проектты Æппæтуæрæсеон конкурсы, номинаци "Историон бынат"-ы. Проект схуыдтой "Нар – иудзинады хъæу". Ам фæзындзæн туристон информацион центр. Уазджытæн дзы фадат уыдзæн экскурси саразынæн историон бынæттæм.