Вести. Аланийы хабæрттæ Дзæуджыхъæуы иувæрсты цæуæг фæндаджы арæзтадæн райдыдта йе ртыккаг къæпхæн

27 июня 2024, 11:40

Уæззау техникæйы 80 машинæйæ фылдæр æмæ 150 специалисты. Дзæуджыхъæуы иувæрсты цæуæг фæндаджы арæзтадæн райдыдта йе ртыккаг къæпхæн. Проектмæ хаст æрцыд æртæ æмвæзады фæндаджы. Уыдонæй та уыдзæн авд рацæуæны. Уæвгæ ног фæндаг уыдзæн цыппаррæнхъон. Асфальт ыл æвæрынц æртæ уæлцъарæй. Зæгъын ма хъæуы уый, æмæ специалисттæ хынцынц экологон домæнтæ, кæнынц уæззау технологон куыстытæ.

Смотрим

Репортажи

Популярное видео

Авто-геолокация