Top.Mail.Ru
Фацбай Выпуск 03 июля 2019 года
Рухстауæг, зондамонæг, хъомылгæнæг, фарн æмæ кады тырысахæссæг. Ноджыдæр ма бирæ хорз ныхæстæ сфидауиккой ацы адæмæн уарзон лæгыл.Бæрзонд, бæзæрхыг лæг уыдис Тауаситы Фацбай. Уынджы -иу куы рцæйцыд, уæд æрмæст йæ уындæй дæр ныфс лæвæрдта, чи йыл æмбæлдис, уыдонæн. Йæ ныхас –уæздан. Чифæнды йæ цæмæйфæндыдæр куы фарстаид, сылгоймагæй – нæлгоймагæй, алкæмæ дæр хъуыста лæмбынæг, алкæмæн дæр лæвæрдта æххæст æмæ æмбæлон дзуаппытæ. Дзырддзæугæ лæджы тынг арæх агуырдтой комы цæрджытæ алы хъуыддаджы дæр.
Вести-Алания. Документальные фильмы
Документальные,
13 сезонов, 141 выпуск