Вести. Аланийы хабæрттæ Дзæуджыхъæуы райдыдта хъармгæнæн сезонмæ цæттæгæнæн куыст

21 июня 2024, 11:30

Дзæуджыхъæуы райдыдта хъармгæнæн сезонмæ цæттæгæнæн куыст. Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрады газы хъармгæнæны куыстытæм бавнæлдтой. Æххæстæй автоматизацигонд хъармгæнæн эксплуатацимæ радтой фарон. Конд у 2 модулæй. Æххæст у æппæтæй ногдæр æмæ тыхджындæр ифтонггæрзтæй. Ам зæххы бын ис артаджы 3 резервуары. Хъармгæнæн хызты дæргъ у фондзсæдæ метры бæрц.

Смотрим

Репортажи

Популярное видео

Авто-геолокация