Вести. Аланийы хабæрттæ Ног къуыри райдайдзæн бæрæгбон Джеоргуыба
16 ноября 2024, 13:22
Ног къуыри райдайдзæн нæ уарзондæр æмæ кадджындæр бæрæгбон Джеоргуыба. Къуырийы дæргъы алы хæдзары дæр кувдзысты Лæгтыдзуармæ, фæдзæхсдзысты йыл сæхи æмæ æгас Ирыстон. Бæрæгбон нысан кæны хъæууонхæдзарадон куыстыты кæрон. Джеогруыба æрмæст ирон адæмы бæрæгбон нæу, фæлæ нæ республикæйы цы бирæ нацитæ цæры, уыдоны дæр. Республикæйы сæргълæууæджы указмæ гæсгæ, Джеоргуыбайы къуырийы фыццаг бон нымад у фæлладуадзæн боныл.