Вести. Аланийы хабæрттæ Абон Æппæтуæрæсеон паддзахадон телерадиокомпани Уæлахизы боны агъоммæ аразы телемарафон "Уæлахиздзаутæ"
7 мая 2025, 10:35
Абон Æппæтуæрæсеон паддзахадон телерадиокомпани Уæлахизы боны агъоммæ аразы телемарафон "Уæлахиздзаутæ". 18 сахаты дæргъы æнæрлæугæ эфир дзурдзæн, Стыр уæлахиз чи хæстæг кодта, уыцы хъæбатырты тыххæй. Стæй абон дæр сæ кадджын хистæрты хъуыддаг дарддæр чи хæццæ кæны, уыдоны тыххæй. Егъау проекты архайдзысты 8 федералон зылды.