Вести. Аланийы хабæрттæ Хæзныдоны, æрвылазон традицимæ гæсгæ, арæзт æрцыд Стыр Уæлахизы кадæн мадзал
10 мая 2025, 09:06
Хæзныдоны, æрвылазон традицимæ гæсгæ, арæзт æрцыд Стыр Уæлахизы кадæн мадзал. Футболон турниры архайдтой 4 командæйы. Уымæй дарддæр хъуыстысты хæстон азты зарджытæ. 58-æм æфсады хъæппæрисæй та ацаходæн уыд быдырон цæлгæныны хæринæгтæй – салдаты касæй æмæ адджын цайæ.