Вести. Аланийы хабæрттæ Уæлахизы боны агъоммæ гæдыбæлас ныссагътой Дзуарыхъæуы Гæздæнты æфсымæртæн цыртдзæвæны цур
10 мая 2025, 09:09
Уæлахизы боны агъоммæ гæдыбæлас ныссагътой Дзуарыхъæуы Гæздæнты æфсымæртæн цыртдзæвæны цур. Тала сластой Волгоградæй. Ныссагъта йæ республикæйы æрдзон æвæрæнты æмæ экологийы министры хæдивæг Хъамырзаты Зауыр. Мадзалы ма архайдтой прокуратурæйы, бынæттон администрацийы минæвæрттæ, футболы академи "Алани"-йы хъомылгæнинæгтæ, студенттæ æмæ скъоладзаутæ. Ацы тала у, суанг Фыдыбæстæйы Стыр хæсты агъоммæ кæй ныссагътой, ахæм гæдыбæласы фæдон.