Вести. Аланийы хабæрттæ Дзæуджыхъæуы 97-æм рæвдауæндоны æдзухдæр сæрмагонд æргом здæхт цæуы
10 мая 2025, 09:26
Фыдыбæстæ уарзын æмæ Стыр Уæлахиз къухы кæй руаджы бафтыд, уыдоны ма рох кæнын. Ацы хъуыддагмæ Дзæуджыхъæуы 97-æм рæвдауæндоны æдзухдæр сæрмагонд æргом здæхт цæуы. Сабиты патриотон хъомыладыл бæстонæй кусынц. Уымæн æвдисæн, Уæлахизы боны кадæн цы мадзал сарæзтой, уый.