Вести. Аланийы хабæрттæ Космоноватикæйы скъола æмæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет бацархайдтой 10-æм юбилейон æппæтадæмон ахуырадон онлайн-проекты
14 мая 2025, 10:41
Къомайты Русланы номыл космоноватикæйы скъола æмæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет бацархайдтой 10-æм юбилейон æппæтадæмон ахуырадон онлайн-проекты. Йæ темæ ацы аз у "Стыр денджыз. Космос". Баиу сты дыууæ æнæзонгæ æмæ æгæрон дунейы – стыр денджызы арф æмæ космосы тыгъдад. Мадзалы архайынц 32 фæсарæйнаг бæстæйы æмæ Уæрæсейы 89 регионы. Хъайтмазты Дзерассæ радзурдзæн бæстондæр.