Вести. Аланийы хабæрттæ Елхоты скодтой хатдзæгтæ, Кировы районы сæргълæууæджы Кубок рамбулыны шахмæтæй турнир "Лучи Победы"-йæн
14 мая 2025, 10:41
Ерыстæ арæзт æрцыдысты Уæлахизы 80 азы кадæн. Турнир байгом кæныны кадджын мадзалмæ æрцыдысты республикæйы шахмæтты Федерацийы президент Кадиты Зауыр æмæ вице-президент Цорæты Алыксандр, Кæсæг-Балхъарæй тренер Феликс Ахаминов. Архайдтой дзы районы скъолаты минæвæрттæ – æдæппæтæй 70 адæймаджы 7 азæй 16 азы онг кæуыл цæуы, ахæмтæ.