Вести. Аланийы хабæрттæ Райгуырæн зæххæй дард уæвгæйæ, бахъахъхъæнын мадæлон æвзаг æмæ культурæ, ацы хъуыддаг æнтыстджынæй æфты Турчы цæрæг ирæтты къухы
15 мая 2025, 10:34
Райгуырæн зæххæй дард уæвгæйæ, бахъахъхъæнын мадæлон æвзаг æмæ культурæ. Ацы хъуыддаг æнтыстджынæй æфты Турчы цæрæг ирæтты къухы. Абон дзы цæры Ирыстонæй рацæугæ 40 мин адæймаджы онг. Диаспорæйы аразынц алыхуызон мадзæлттæ ирон æвзаг парахат кæнынæн. Фæлæ, сæ хъуыдымæ гæсгæ, ацы фарстайыл сæйрагдæр хъуамæ куыст цæуа бинонты *хсæн. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.