Вести. Аланий хабæрттæ Фæсивæды галуаны байгом æрвылазон республикон фестиваль "Ирыстоны æвзонгдзинад"
10 декабря 2025, 12:03
Фæсивæды галуаны байгом æрвылазон республикон фестиваль "Ирыстоны æвзонгдзинад". Архайынц дзы 100 скъоладзауæй фылдæр алы районтæй. Ис дзы 4 номинацийы: аивадон дзырд, театралон, вокалон æмæ кафæн къабæзтæ. Мадзал арæзт цæуы национ проект "Фæсивæд æмæ сывæллæттæ"-м гæсгæ. Конкурсы нысан у национ культурæ æмæ адæмон сфæлдыстад парахат кæнын. Иу хæс ма у – курдиатджын фæсивæды иртасын. Архайджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй сын фестивалы сæ арæхстдзинад æвдисын бæрнон хъуыддаг у.