Top.Mail.Ru
Эфир от 23.12.2025 Выпуск 23 декабря 2025 года
Хицауады хæдзары арæзт æрцыд æппæтуæрæсеон хæрзаудæн акци "Бæллицты заз бæлас". Мадзал байгом кодта республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Заз бæласæй райста фондз хъазæны. Дзæуджыхъæуы байгом Цæгат Ирыстоны сгуыхт нывгæнæг Ульяна Гончаровайы куыстыты равдыст. Экспозици "Прогулка"-мæ хаст æрцыдысты горæтаг æмæ хæххон пейзажтæ, стæй портреттæ. Ирыстоны æмæ Дагестаны хъæбысхæцджытæн уыд æмбаладон фембæлд спорты галуан «Манеж»-ы. Турнир баст уыд номдзыд тренер Дедегкаты Хъазыбеджы 80 азимæ.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски