Вести. Аланийы хабæрттæ Дзæуджыхъæуы цæрджыты æмæ уазджыты зæрдæтæ дарддæр хъæлдзæг кæнынц Митын Дадайы хæдзар æмæ йæ æрмадзты
6 января 2026, 13:52
зæуджыхъæуы цæрджыты æмæ уазджыты зæрдæтæ дарддæр хъæлдзæг кæнынц Митын Дадайы хæдзар æмæ йæ æрмадзты. Æрбынат кодта Сæрибардзинады фæзы республикæйы сæйраг заз бæласы фарсмæ. Сывæллæттæн фадат ис Митын Дада æмæ Митын Чызгимæ базонгæ уæвынæн, сфæлдыстадон æрмадзты архайынæн, æппæты зындæр уыци-уыцитæн дзуæппытæ раттынæн. Ног Азы диссæгты дунейы аныгъуылыны фадат, кæй фæнда, уыдонæн уыдзæн 11-æм январы онг.