Вести. Аланийы хабæрттæ Габачиты Аланæ ныридæгæн равзæрст дæсныйадмæ гæсгæ цы наукон архайд кæны, уый тыххæй йæ къухы бирæ æнтыстдзинæдтæ бафтыд
9 января 2026, 12:43
Дæсныйадмæ фæндагыл фыццаг къахдзæфтæ кæнгæйæ стыр бæрзæндтæм хизын. Афтæ зæгъæн ис Хæххон-паддзахадон аграрон университеты студенткæ Габачиты Аланæйы тыххæй. Ахуыр кæны агрономон факультеты 4-æм курсы. Ныридæгæн равзæрст дæсныйадмæ гæсгæ цы наукон архайд кæны, уый тыххæй йæ къухы бирæ æнтыстдзинæдтæ бафтыд. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.